Сомихы истори (Мовсес Хоренаци)
«Сомихы истори» (сом. Պատմություն Հայոց, Патмутюн Айоц) у монументалон историон уацмыс, ныффыста йæ астæузаманы сомихаг историк Мовсес Хоренаци. Хоренаци йæхи хуыдта сыгъдæг Месроп Маштоцы фæсдзæуин æмæ йæ уацмыс фыста Багратидты кънйаз Саачы барамындмæ гæсгæ.
«Истори» баиу кодта сомихаг адæмы равзæрды тыххæй таурæгътæ æмæ V æнусы онг цы историон цаутæ уыдысты, уыдоны афыст дæр: Сасанидты æлдæриуæг, Византийы рæзт, Аршакунийы династийы хицауиуæг V æнусы онг. Чиныджы ис бирæ æрмæджытæ, сомихæгты цы уырныди чырыстон дин æрбайсыны агъоммæ, ууыл, стæй сомихаг мифологи æмæ фольклоры тыххæй. Хоренацийы «Истори» стыр тæваг дардта æппæт рагон сомихаг историографимæ, Мовсес Хоренаци йæхæдæг та нымад у «сомихаг историографийæн йæ фыд»[1].
Хоренаци цардис æмæ фыста V æнусы. Альфред фон Шутшмиды хъуыдымæ гæсгæ гæнæн и æмæ фæстæдæр цардис — VI кæнæ VII æнусты[2].
Чиныджы ис æртæ хайы.
- Фыццагæмы мидæг ис 32 сæры, афыссы истори Македойнаг Александры бабырсты агъоммæ.
- Дыккаг хай та у «Нæ рагфыдæлты астæуккаг историйы афыст», ныхас дзы цæуы Македойнаг Алыксандры фæстæ æмæ ма суанг паддзах Трдат III онг (330-æм аз). Ис дзы 92 сæргонды.
- Фæстаг хай та афыссы 428-æм азы онг хабæрттæ, æдæппæт дзы ис 68 сæргонды.
Тæлмацтæ
[ивын | Бындур ивын]Чиныджы фыццаг тæлмац скодта Товмас Ванандеци 1695-æм азы Амстердамы, стæй 1736-æм азы Уильям æмæ Джордж Уинстонтæ Хоренацийы чиныг ратæлмац кодтой латинаг æвзагмæ æмæ йæ рауагътой Лондоны, «Historiae Armeniacae», зæгъгæ, ахæм сæргондæй[3]. Венецийы тæлмац рухс федта 1752-æм азы Антон Бортолийы фæрцы[4]. 1841-æм азы италиаг æмæ францаг тæлмацтæ сарæзта Л. де Флоривар. XIX æнусы кæрон æмæ XX æнусы райдианы Тифлисы рауагътой цыппар тæлмацы, уыдонæй иу уыд Роберт Томсоны тæлмац (ногæй йæ уагътой джиппæй 1978 æмæ 2006 азты).
Уырыссаг тæлмацты бындуры вæййы Эмин Мкртчы тæлмац, кæцы уый сарæзта 1858-æм азы. Советон дуджы тæлмац цалдæр хатты рауагътой джиппæй — фæстаг хатт Хоренацийы «Истори» ратæлмац кодта Г. Саркисян 1990-æм азы.
Уый йеддæмæ ма фен
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Петрушевский, 1957.
- ↑ Robert K. Thomson, "Armenian Literary Culture through the Eleventh Century", in R.G. Hovahanissian (ed.), Armenian People from Ancient to Modern Times (Volume 1, 2004)
- ↑ Hakob Meghapart project - 1725 - 1750 . Датæ: 2019-æм азы 21 октябры.
- ↑ Hakob Meghapart project - 1750 - 1775 . Датæ: 2019-æм азы 21 октябры.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Robert H. Hewson, "The Primary History of Armenia": An Examination of the Validity of an Immemorially Transmitted Historical Tradition, History in Africa (1975).
- А. П. Новосельцев. Генезис феодализма в странах Закавказья. — М.: Наука, 1980.
- И. П. Петрушевский. Раннефеодальное общество в странах Закавказья V — середине IX в. // Всемирная история. — М.: Гос. изд.-во полит. лит-ры, 1957. — Т. 3. — С. 132—139.
- В. К. Чалоян. История Армянской философии. — Ер.: Изд-во АН Арм. ССР, 1959.